Ирма Инашвили – «Патриотты Альянс» уыцы  зылдтæй цух, цы ран Давит Чъичъинадзе æмæ  Кахи Кахишвили исынц хайад,  мажоритартæм сæрмагонд кандидатты алы æндæр зылды  бавдисдзæн
Ирма Инашвили – «Патриотты Альянс» уыцы зылдтæй цух, цы ран Давит Чъичъинадзе æмæ Кахи Кахишвили исынц хайад, мажоритартæм сæрмагонд кандидатты алы æндæр зылды бавдисдзæн

Парти  «Патриотты Альянс»  мажоритарты  раразмæ кæнын  райдайы  Батумæй. Партион  номхыгъды та  Тбилисы  бавдисдзæн 8  сентябры.

Партийы лидер  Ирма Инашвили  хъусын кæны, цæмæй  «Патриотты Альянс»  мажоритарты  дыууæ  зылдæй  дарддæр,  алкуыран дæр бавдисдзæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  уыдонæн  нæ  уыдзæн  кандидаттæ  уыцы  зылдты,  цы ран  Кахи Кахишвили æмæ  Давит Чъичъинадзе  исдзысты  хайад.

Æндæр партитимæ  æмгуыстадытыххæй  куы зæгъæм, Ирма Инашвили  хъусын кæны, цæмæй  парти «Патриотты  Альянс»  æвзæрстыты  хæдбарæй исдзæн хайад.

«Мах  нæхи фæндагæй цæуæм.  Никæйимæ нын нæй  бадзырдтæ.  Кандидатты бавдисдзыстæм алкуыран, алы  зылды  æмæ  тох кæндзыстæм уæлахиздзинадæн.  Иунæг, кæцы нæ  зæрдыл дардзыстæм  сты  уыцы  зылдтæ,  цы ран Давит Чъичъинадзе  æмæ Кахи Кахишвили  исынц хайад, уымæн  æмæ  Каха Кахишвили у  нæ  хæлар.  Давит Чъичъинадзе та афтæдæр нæ фракцийы  уæнг уыд  æмæ йын æнтыстытæ зæгъы мæ зæрдæ.   Иннæ  авд зылды  нын уыдзæн  нæ  мажоритар  депутаттæ» – райхъусын кодта Ирма Инашвили.