IRI-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, политикон æмæ æхсæнадон архайæг уæнгты æхсæн персоналон рейтингы лидертæ сты Патриарх, Гиорги Гахариа æмæ Каха Каладзе
Æхсæнадæмон Республикон Институты (IRI) иртасæнмæ гæсгæйæ, политикон æмæ хицауады архайæг уæнгты æхсæн персоналон рейтингы, Патриарх, Гиорги Гахариа æмæ Каха Каладзе сты лидертæ.
Сæрмагондæй та, фарстыл «Æрнымад политиктæй æмæ хицауадон гæстæй кæцы у сымахæн райсинаг» рафарст æмбæстæгты 89% загътой Патриарх зæгъгæ, 65% Гиорги Гахариайы бавдыстой, 54% та Каха Каладзейы.
Респондентты 52% схуыдтой Давит бакрадзейы, 42% Ника Мелиайы, 40% Бидзина Иванишвилийы, 39% Гиорги Вашадзе «Стратегиа Агъмашенебелийы», 36% Давит Усупашвилийы, 33 % Талакъвадзе Арчилы, афтæдæр 33% Къобахидзе Ираклийы, 31 % Зурабишвили Саломэйы, 29% Гиги Угулавайы, 27% Шалва Нателашвилийы, 26% Мамука Хазарадзейы, 26% Алеко Элисашвилийы, 24% Леван Хабеишвилийы, 21% Зураб Гирчи Джапаридзейы, 21% Ирма Инашвилийы, 20% Нино Бурджанадзейы, 17% Бадри Джапаридзейы.
Иртасæн ацыд Æхсæнадæмон Республикон Институты иртæстыты центры номæй 2021 азы 2-26 февралы периоды.
Иртасæны быдырон куыстытæ сыххæст кодтав «IPM». Бæрæггæнæнтæ баххæст сты стратификацион бирæкъæпхæнджын сæмбæлгæ равзæрсты методæй, комкоммæ интервьюйы фæрцы. Æвзæрст уыдысты æвзарæнон хъæлæсы бар æмæ кар кæмæн ис ахæм 1500 æмбæстаг. Рæдыды арæн у +/- 2.5 процент, дзуапп дæттыны бæрæггæнæн -75%. Иртасæны сххæст кæнын гæнæн баис америкаг адæмы æххуысæй, АИШ-ы æхсæнадæмон рæзынады агентады фæрцы.