IRI – Хуыцаубон æвзæрстытæ куы уаид, рафарст респондентты 35% схъæлæс кæнид «Гуырдзиаг Бæллиццæн», «Националон Змæлдæн» та 18 процент
Æхсæнадæмон Республикон Институты (IRI) иртасæнмæ гæсгææ, фарстыл зæгъгæ хуыцаубон æвзæрстытæ куы уаид, кæцы партийæн схъæлæс кæндзыстут, респондентты 35 % загътой, цæмæй схъæлæс кæнид «Гуырдзиаг Бæллиццæн», «Националон Змæлды» кой ракодтой респондентты 18 процент, «Европаг Гуырдзыстонæн» та схъæлæс кæнид 3%.
Афтæдæр, рафарст цæрджыты æртæ процент схъæлæс кæнид «Стратегиа Агъмашенебелийæн», «Зураб Гирчи Джапаридзейæн» хъæлæс раттын разы сты 2 процент, «Патриотты Альянсæн» афтæдæр 2%, «Лейбористон Партийæн» -2%, паарти «Æмбæстæгтæ-Алеко Элисашвили» -2%, «Лело»-йæн (Мамука Хазарадзе-Бадри Джапаридзе) – 1 %.
Иунæг партийæн дæр не схъæлæс кæнид 10%, фарстыл дзуапп нæй 15%, алы партийы дæр ахахх кодтаит 5%.
Уыимæ иумæ, фарстыл кæцы партийæн не схъæлæс кæниккат никæд бонты, рафарст респондентты 27% загътой «Гуырдзиаг Бæллицц», «Националон Змæлды» тыххæй та 26%.
Иртасæн ацыд Æхсæнадæмон Республикон Институты иртæстыты центры номæй 2021 азы 2-26 февралы периоды.
Иртасæны быдырон куыстытæ сыххæст кодтав «IPM». Бæрæггæнæнтæ баххæст сты стратификацион бирæкъæпхæнджын сæмбæлгæ равзæрсты методæй, комкоммæ интервьюйы фæрцы. Æвзæрст уыдысты æвзарæнон хъæлæсы бар æмæ кар кæмæн ис ахæм 1500 æмбæстаг. Рæдыды арæн у +/- 2.5 процент, дзуапп дæттыны бæрæггæнæн -75%. Иртасæны сххæст кæнын гæнæн баис америкаг адæмы æххуысæй, АИШ-ы æхсæнадæмон рæзынады агентады фæрцы.