Ираны фæсарæн хъуыддæгты министр – кæд æмæ Дональд Трампы фæнды бадзырдмæ баххæсын, уæд хъуамæ ныууадза йæ æнæуæздандзинад æмæ æнæрайсгæ ныхас стыр аятолла Хаменеимæ
Ираны фæсарæн хъуыддæгты министр – кæд æмæ Дональд Трампы фæнды бадзырдмæ баххæсын, уæд хъуамæ ныууадза йæ æнæуæздандзинад æмæ æнæрайсгæ ныхас стыр аятолла Хаменеимæ

Ираны фæсарæн хъуыддæгты министр сиды АИШ-ы президент Дональд Трампмæ, цæмæй йæ ныхас аива Ираны æрдæм, кæд æмæ йæ æцæгæйдæр фæнды бадзырд. Уый фæдыл Аббас Арæгъчи социалон хызагы ныффыста.

Арагчи Трампы ныхас схуыдта æнæуæздандзинад æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Ираны адæм нæ райсынц тас æмæ æгаддзинад.

«Кæд æмæ президент Трампы æцæгæйдæр фæнды бадзырдмæ æрцæуын, уæд хъуамæ ныууадза йæ æнæуынондзинад æмæ æнæрайсгæ ныхас Ираны Сæйраг Лидер, стыр Аятолла Хаменеимæ æмæ ныууадза йæ милуангай сыгъдæгзæрдæ фæдонты хъыгдарын», — загъта Ираны фæсарæн хъуыддæгты министр.

Арæгъчийы ныхæстæм гæсгæ, ирайнаг адæмы фидардзинад хорз æвдыст цæуы ковролинты, кæцытæ арæзт цæуынц æнæнымæц сахæтты куыст æмæ фæразондзинады фæстиуæгæн.