Иран сиды, цæмæй Израилы æхсты фæстиуæгæн, гарзджын тыхты штабы хистæр Мохаммад Багер фæмард
Ираны паддзахадон телеуынынад куыд хъусын кæны афтæмæй, Израилы æхстыты фæстиуæгæн Ираны гарзджын тыхты штабы хистæр Мохаммад Багер фæмард.
Багери уыд Ираны бæрзонддæр рангы æфсæддон афицер. Революцион гвардийы рæнхъытæм бацыд 1980 азы.
Зæрдылдарæнæн, Израиль цалдæр сахаты размæ фехъусын кодта, цæмæй Ираны атомон нысæнттæ ныццавта. Израилы хихъахъæнады министр Израил Кацы расидæнмæ гæсгæ, Израиль Иранмæ æхст райдыдта æмæ Израилы расидтысты «уæлвæткон уавæр». Рапарахат ис Израилы премьер-министры расидæн дæр. Беньямин Нетаньяхуйы ныхæстæм гæсгæ, Израил «Райзинг Лайон» операци райдыдта, сæ тæхджытæ æнæхъæн Ираны масштабæй бирæнымæц нысантæм бырсынц æмæ операци адарддæр уыдзæн, цалынмæ æнæмæнгхъæугæ у, уæдмæ. Ираны паддзахадон медиа хъусын кæны, цæмæй Израилы æхсты фæстиуæгæн цалдæр бæрзонд æфсæддон бæрнон фæмард сты, афтæ дæр ис хъусинæгтæ æмбæстагон цæрджыты æхсæн зиæнтты тыххæй. Иран сбæлвырд кодта, цæмæй æхсты фæстиуæгæн фæмард Исламы Революцион Гвардийы корпусы хистæр Хосейн Салам дæр. Ираны гарзджын тыхты пресс-спикер расидтис, цæмæй Израиль æмæ АИШ стыр аргъ бафиддзысты. Ираны монон разамонæг дæр Израилæн тæрсын кодта карз æфхæрдæй.