Иран  атомон бадзырдæй фæхицæн уыдзæн
Иран атомон бадзырдæй фæхицæн уыдзæн

Иран  фæхицæн  уыдзæн  атомон бадзырдæй. Уый  тыххæй   бæстæйы хицауады  дзурынц, цæмæй  зæгъгæ ацы   скуыддзаг  кæронбæттæн у.

«Ройтеры»  информацийæ,   Иран  адарддæр кæндзæн   атомон энергийы  агентадимæ  æмкуыст кæнын æмæ  цæттæ  у   йæ хæстæ  сæххæст кæнын уыцы  цауы,  кæд æмæ Иранæн  уагæвæрд  санкцитæ  аивдзысты.

Фæнысан кæнын хъæуы,  цæмæй   атомон  бадзырдæй  АИШ-æ  2019 азы  майы  фæхицæн ис.

АИШ-ы æмæ Ираны  æхсæн   ахастытæ  уый фæстæ  фæкарз  сты,   Иракъы   АИШ-ы  сæххæст   авиабырсты  рæстæджы,  ирайнаг   инæлар Хасем Солейманийы  куы  амардтой.