Иракъы химарæг террорист йæхи спырх кодта, фæмард иууыл цъус авд адæймаг
Иракъы теракты фæстиуæгæн, иууыл цъус авд адæймаг фæхъуыд, 12 та фæцæф сты. Информацийы уый тыххæй хæлиу кæны информацион агентад Reuters.
Фæмардуæвджыты æхсæн цыппар æфсæддæттæ сты æртæ та, сабырадон цæрджытæ. Бырст бæстæйы ныгуылæн хайы æрцыд. Автомобилы бадгæ химарæг террорист рæмудзæн гарзæг скусын кодта арæйнон-ауадзæн пунктмæ хæстæг.
Æрцæугæйыл бæрн йæхимæ райста «Исламы Паддзахад». Террористон къорд уый фæдыл йæ кантролгонд информацион агентад Amaq-ы фæрцы райхъусын кодта.
Иракъы хицауад террористон къорд «Исламы Паддзахады» басæттыны фæдыл 2017 азы декабры райхъусын кодта. Хицауадон æфсад радикалты ахст территоритæй фæтардта. Уый фæстæ террористон къорд бæстæйы æндæр æмæ æндæр хайы, бырстытæ æххсæт кæны.