Иракъли Къобахидзе хъусын кæны, цæмæй йæ бинойнаг паддзахадон æмæ хицæн æмгуыстады агентады сæрдары пост ныууадздзæн
Гуырдзыстоны премьер-министртæм кандидат Иракълэ Къобахидзе хъусын кæны, цæмæй йæ бинойнаг Наталиа Моцъонелидзе, ныууадздзæн паддзахадон æмæ хицæн æмгуыстады агентады сæрдары пост.
Къобахидзейы бафарстой ныууадздзæн æви нæ йæ куыстбынат йæ бинонты уæнг.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, интересты ницы конфликт нæ уыдзæн. Закъондæттынад дæр дары йæ хуъыдыйы ахæм мадзæлттæ, фæлæ афтæ куы нæ уыдаит, кæй зæгъын æй хъæуы, алы формалон æви æнæформалон интересты конфликт рацух уыдаит», – райхъусын кодта Иракъли Къобахидзе.
Бæрæг куыд у афтæмæй, паддзахадон æмæ хицæн æмгуыстады агентад паддзахадон барады юридикон уæнг у, кæцы бæрнон у Гуырдзыстоны премьер-министры раз. Официалон информацийæ, паддзахадон æмæ хицæн æмгуыстады агентады сæрдары, йæ постыл снысан кæны æмæ ссæрибар кæны Гуырдзыстоны премьер-министр.