Иракълэ Къобахидзе -  Алы рекомендаци  цæсгомджынæй æххæст кæнæм, кандидаты стутсы  тыххæй  æвæрццаг  политикон  уынаффæйы ныфс нæ ис
Иракълэ Къобахидзе - Алы рекомендаци цæсгомджынæй æххæст кæнæм, кандидаты стутсы тыххæй æвæрццаг политикон уынаффæйы ныфс нæ ис

Æппынфæстагмæ, кандидаты  статусы  тыххæй   ист  уыдзæн  политикон   уынаффæ  æмæ  нын ис æвæрццаг   политикон  уынаффæйы  ныфс,  –  райхъусын кодта  «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Иракълэ Къобахидзе  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы алæвæрды «Сæрибар Цæстæнгас».  Уый  сдзуапп кодта  фарстæн, ацы æви нæ Гуырдзыстон  уый фæдыл, ома   нæ кандидаты фарста, европаг фидæн æмæ перспективæ  баст сты  иу æрдгæй,  бæрæг  процессты  техникон   сыххæстыл  æмæ иннæ рдгæй, æмбарынадыл, кæцы  гæнæн ис  европарламентариты кæнæ евроцæдисы  бюрократийы мидæг уа.

«Раззаг  уынаффæдæр æнæхъæнæй   уыдис политикон. Украинаимæ нæхи нæ абардзыстæм, уымæн æмæ æмбаринаг у  контекст, бæсты хæстон уавæры ис  æмæ  кандидаты статус   мараттын  абсолютонæй  нæрайсгæ  уыдаит, фæлæ Молдовæимæ нæхи куы абарæм, Молдовæ  у хæдбар паддзахадты æмгарады  уæнг бæстæ.  ХПÆ  у  Уæрæсейы  дæлбар уæвæг   сегасдæр ставд  æхсæнадæмон иугонд, кæцы  цы у  уый.  Ацы  ХПÆ-ы уæнг у Молдовæ,  конституцийы  йын ис  ныффыст, цæмæй НАТО-ы  уæнг никуы суыдзæн, ис  йын тынг уæззау  проблемæтæ коррупцийы,  институтты  мæллæгдзинады æрдгæй æмæ   а.х., кæнæ та катастрофæ  у, ахæм   уавæры ис Молдовæ.  Ахæм рæстæджы,  ХПÆ-ы уæнг æмæ НАТО-мæ нæбацæуæг   Молдовæйæн  куы дæттыцс  кандидаты  статс æмæ Гуырдзыстонæн та нæй, абсолютонæй   бæрæг у, цæмæй уый уыдис   æнæхъæнæй   политикон уынаффæ. Ахæм рæстæджы  рискытæ  сты  егъау.  Уымæ æмбæлгæйæ  дæр  мах цы аразæм  у уый, цæмæй  алкæцы  рекомендаци æххæст кæнæм  цæсгомджынæй», –  загъта Ираклэ Къобахидзе.

Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ  сæйраг у Гуырдзыстоны  хицауад   цæсгомджынæй  æххæст кæны  рекомендацийы 12-дæр пункты, иннæ та  у  политикон   уынаффæ, кæцы хъуамæ рахæсса Евроцæдис.