Ираклий Шотадзе - уадзын мæ пост æмæ уырнæг дæн, Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддагыл расттæрхон сæххæст уыдзæн
Сæйраг прокуррор Ираклий Шотадзе йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта.Ираклий Шотадзе ахæлиу кодта фидиуæн кæцыйы уын æнæивгæйæ æнхъарæм:Фыццаджы дæр, дзыллæйæн мæ фæнды бамбарын кæнын, цæмæй абон ист уынаффæ уыд тæрхондоны æрмæст фыццаг инстанцийы уынаффæ; расттæрхоны процесс æнæмнгæй адарддæр уыдзæн æмæ æз уырнæг дæн, цææмй алы азымджын, закъоны æххæст тызмæгдзинадæй æрцæудзæн дзуаппмæ лæвæрд. Мах уый тыххæй алцыппæт сарызтам – дзыллæ уый хъуамæ зона.Мæнæн, куыд Гуырдзыстоны сæйраг прокуррорæн, иттæг нысаниуæгджын у, алкæцы æмбæстагы æууæнк паддзахадон институтты, сæрмагондæй та растæвзарæндзинады сегасæй ахсджиагдæр зылды – прокуратурæйы æрдæм. Ацы системæйы куысты алы моменты дæр, æппæт хъиамæт уагъд уыдис законы сæйрагдзинады æрдæм, æмæ мæ фæнды бауырнæт мæ, цæмæй нæ дзыллæ, мах алчи иумæ бахъом уыдзыстæм æрфидар кæнæм закъоны сæйрагдзинад нæ бæстйы.Мæнæн сæрмагондæй нысаниуæгджын у рæстаг расттæрхон, уæлдайдæр хъуыддаг æнахъомты марындзинадмæ куы æххæссы уæд.Абон прокуратурæ тæрхондонмæ бæлвырдгæнæнтæ бавдыста, кæцытæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ срæвдз кодтаиккой хъуыддагыл раст тæрхоныскуд рахæссын. Фыццаг инстанцийы тæрхондон æххæстæй не сразы ис ацы бæлвырдгæнæнтимæ æмæ ацы тынг вазыгджын хъуыддаджы фæстиуæг, ауы этапыл нæ бантыстис. Фæлæ ацы процесс адарддæр уыдзæн улдæр инстанцийы тæрхондоны æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, алы фыдгæнæг æмбæлонæй ратдзæн дзуапп закъоны раз. Иу у барадон фрас, фæлæ иннæ рдгæй та нысаниуæгджын у адæймагон ахаст ацы хъуыддаджы рдæм. Фæнды мæ сæйрмагондæй баджзурон Хоравайы уынгыл мард æнахъомты ныййарджытæм: æз кæддæриддæр уыдтæн æмæ ныр дæр дæн уæ фарсмæ. Бæстæйы сæйраг прокуррор æмæ фыдмæ куыд æмбæлы афтæ, цыфæнды пост дæр мын ницы аргъ у, ныхас уæ хъæбулты цардмæ куы æххæссы уæд. Фæнды мæ зонат, цæмæй алцыппæт сарызтон цæмæй фыдгæнджытæ дзуаппмæ лæвæрд æрцыдаикоой. Уырны мæ ацы къахдзæфæй уæ уæддæр бауырндзæн, цæмæй бирæ æнæхъуаджы, цъаммар аххосаг, кæцы ме рдæм хъуыстис, сæ нысан уыд мæнæй политикон маст исын уый тыххæй, цæмæй къухдариуæгæй Гуырдзыстоны прокуратурæ бирæ раздæры бæрзонд гæсы, кæцытæ нæ бæстæйы æрфидар кодтой системон æнæраст, дзуаппмæ раттам закъонмæ куыд æмбæлы афтæ. Уый тыххæй цæмæй мæ фæнды бауырнæт уæ мæ ныхæстæ, абон æз уадзын мæ пост æмæ уырнæг дæн, цæмæй ацы хъуыддагыл расттæрхон сæххæст уыдзæн кронмæ. Фæнды мæ дзыллæмæ æрсидын, кæй фæнды сæнамондгонд ныййарджытæн сæ фарсмæ слæууын, алцыппæт саразæт фæдагуырды æххуысæн æмæ æмкуыст кæнæт семæ. Фæсткгмæ мæ фæнды бузныг зæгъын прокуратурæйы алы кусæгæн, кæцытæ ацы азты дæргъы нæ фарсмæ лæууыдысты æмæ кæцытæ, сæрмагонд æдасдзинады аргъæй, æрвылбойнон режимы куыстой расттæрхоны сæххæст кæнынæн. Уырнæг дæн, цæмæй нæ уагдон адарддæр кæндзæн размæцыд æмæ райтынг, æмæ стырдæр рольсæххæст кæндзæн райтынггонд барадон паддзахады арæзтады фæндагыл» – банысангонд у Ираклий Шотадзейы фидиуæны.Ираклий Шотадзе райгуырд 1983 азы. 2005 азы фæцис ахуыр Тбилисы Иванэ Джавахишвилийы номыл паддзахадон университеты, юридикъон факультет.Ираклий Шотадзе Гуырдзыстоны сæйраг прокурроры пост ахста 2015 азы 27 ноябрæй. Уый прокуратурæйы кусын райдыдта 2006 азы марты мæййæ æмæ 2010 азы сентябры онг æндæр æмæ ндæр постытæ ахста. 2010 азы сентябры та, кусын райдыдта Гуырдзыстоны финансты министрады фæдæвзарæг куысты, цыран æндæр æмæ æндæр постытыл 2013 азы 21 ноябры онг архайдта.