Ираклий Шотадзе Турчы Республикæйы генералон прокуррор Бекир Шахинимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны генералон прокуррор Ираклий Шотадзе Турчы Республикæйы генералон прокуррор Бекир Шахинимæ фембæлдис.
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы уагъд фембæлдыл Гуырдзыстоны генералон прокурроры хæдивæг Натиа Меребашвили æхсæнадæмон ахастыты æмæ барадон ифтонгады департаменты хистæр Ираклий Чилингарашвили æмæ Турчы Республикæйы делегацийы уæнгтæ уыдысты.
Прокуратурæйы информацийæ, фембæлдыл Ираклий Шотадзе Бекир Шахинæн Гуырдзыстоны прокуратурæйы цæугæ реформæты æмæ приоритетон æрдæмадты фæдыл информаци бадæтта. Бекир Шахин йæхи æрдгæй гуырдзиаг коллегæтæн йæ дæлбар уæвæг уагдоны куысты æмæ уагхд реформæты фæдыл информаци фæхай кодта.
Фембæлды фæлгæтты фарсытæ тугтæрхоны барады сферæйы барадон æмгуыстады фарстатæ æркастысты.
Ираклий Шотадзе уазæгæн Гуырдзыстоны прокуратурæмæ æвдыст интересы æмæ фæлтæрддзинад фæхай кæныны тыххæй раарфæ кодта. Фембæлды кæрон фарсытæ æмгуыстады стынг кæнынмæ цæттæдзинад ноджы иу хатт равдыстой.