Ираклий Къобахидзе  Швецийы æхсæнадæмон райрæзты  æмгуыстады æмæ æддæ базарады министримæ фембæлдис
Ираклий Къобахидзе Швецийы æхсæнадæмон райрæзты æмгуыстады æмæ æддæ базарады министримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе  Швецийы  Паддзахады  æхсæнадæмон  райрæзты æмгуыстады æмæ æддæ базарады министр Иохан  Форселимæ фембæлдис.

Фембæлдыл  ныхас уыд  дыууæфарсон ахастытыл, кæцы  рахатинаг  фæстиуджытæ  æрхаста  куыд  политикон  афтæ  базарадон-экономикон, хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады,  ахуырады æмæ культурæйы сферæты.

Ныхасы иуæй-иу темæ уыд  закъонопроект «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл»ю  премьер банысан кодта, цæмæй  закъонопроектæн йæ нысан у  æнæхицауадон организациты æмæ   æмбæлгæ  медиафæрæзты æрдгæй  афæдзы мидæг иу хатт  финансон декларациты бавдисын, кæцы Гуырдзыстоны паддзахады суверенитеты сфидарæн  ахъаззаг уыдзæн.

Фембæлдыл  хъусдард здæхт уыдис регионы  уæвæг æдасдзинады æрдгæй расидтытæм æмæ  Гуырдзыстоны европаг  интеграцийы процессмæ.  Премьер-министр бахахх кодта ацы фæндагыл Гуырдзыстоны хицауады тыхархайд  æмæ ныгуылæйнаг  партнерты æххуысы   нысаниуæг.

Информаци хъусын кæны премьер-министры, пресскуыст.