Ираклий Къобахидзе пысылмон дины фæндтæ Рамадан Байрамы фæдыл раарфæ кодта
Гуырдызстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзе Тбилисы Джума Мæзджыты пысылмон дины фæндотæн Рамадан Байрамы фæдыл раарфæ кодта.
Премьер мæзджыты æрымбырдуæвæг дзыллæмæ дзырдæй раздæхт æмæ банысан кодта, ц æмæй пысылмон дзыллæ гуырдзиаг диллæйæ æнæраскуынгæ хай æмæ сæрмагондæй «Хъал стæм бирææнусон историон ахастытæй, æфсымæрдзинадæй, кæцы ис гуырдзиаг чырыстæтты æмæ Гуырдзыстоны цæрæг пысылмонты æхсæн. Уæ уникалон культурæ у нæ бæстæйы культурæйы æнæраскъуынгæ хай.
Æнусты дæргъы иумæ фæллой кодтам, иумæ тох кодтам нæ иумæйга фыдыбæстæйы фарнæн, йæ размæцыды æмæ райрæстæн. Уый у ахæм ахастытæ, æфсымæрдзинад, кæцыйы тынг ауæрдæм æмæ фидæны дæр ауæрддзыстæм. Фæнды мæ ноджы иу хатт уын раарфæ кæнон абоны боны фæдыл. Æхсызгон мын у абоны бон сымахимæ иумæ уæвын. Фæнды мæ раарфæ уын кæнон фарн, амондджындзинад сымахæн æмæ уæ бинонтæн. Арфæ уын кæнын мæ уын стыр бузныг», – банысан кодта премьер.
Иумæйаон уæззау комдарæны фæстæ, гуырдзиаг пысылмонтæ Рамадан Байрамы абон банысан кæнынц.
Пысылмонты уагдоны удон лидер премьер-министрæн бæрæгбоны фæдыл раарфæ кæныны тыххæй бузныг загхта æмæ пысылмонты уагдоны номæй йын зæрдылдарæн лæвар адæтта.
Тбилисы Джума Мæзджыты уыдысты афтæдæр дипломатон корпусы минæвæрттæ.
Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны хицауады администрацийы пресс-куыст.