Ираклий Къобахидзе - Нырдæр æнхъæлын, цæмæй деолигархизацийы закъонопроекты Венецийы Комиссимæ арвитын æнæмæнгхъæугæ нæ уыд
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Иракълэ Къобахидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ хицаугæнæг бал йæ зæрдыл бадартта еврокомиссар Оливер Вархейы æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвары рекомендацитæ деолигархизацийы тыххæй закъонопроекты Венецийы Комиссимæ арвитыны фæдыл.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ растдæ уый тыххæй ахицæн кодтой, ома закъонопроект комиссимæ арвыстаиккой.
«Æмтгæй зæгъгæйæ, рахастам уынаффæ Венецийы Комиссимæ закъонопроект арвитыны фæдыл, цалоынмæ уый кæронбæттæн хуыз, æртыккаг кастæй райстаит. Уый аххос та уыд куырдиат, кæцы фехъуыстам æргомæй Оливер Вархейы æрдгæй. Еврокомиссары рекомендаци уыд ацы документы арвитын Венецийы Комиссимæ. Афтæма нын уыдис фембæлд ногнысангонд Евроцæдисы минæваримæю Уый æддæмæ ма сæрм агондæй мæхицæн уыд фембæлд йемæ æмæ уымæй дæр уыдис куырдиат, цæмæй закъонопроект Венецийы Комиссимæ арвыстаиккам. Ныр дæр æнхъæлын, цæмæй ацы документы Венецийы Комиссимæ арвитын бынтон нæхъуаджы уыд, фæлæ уый тыххæй цæмæй ахæм куырдиæттæ уыд, нæ зæрдыл сæ бадардтам. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, закъонопроект æрвыст æрцыд Венецийы Комиссимæ» – райхъусын кодта Иракълэ Къобахидзе.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» знон фехъусын кодтой, цæмæй «деолигархизацийы фæдыл» закъонопроекты æртыккаг байхъуыстæй æркæсыныл нæзагъд кæнынц æмæ проект Венецийы Комиссимæ арвитдзысты.
Уыимæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад публикаци скодта фидиуæн кæцыйы мидæг банысангонд у: «Райгонд стæм Гуырдзыстоны парламенты фидиуæнæй, леолигархизацийы закъонопроекты Венецийы кКОмиссимæ арвитыны фæдыл, кæцы у позитивон къахдзæф».