Ираклий Къобахидзе - Кæд искæмæ ис хъаст «Бинонты аргъдзинæдты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъоны тыххæй, уæд конкретонæй хъуамæ радзура кæцы статья æмæ нормæ нæ цæуы йæ зæрдæмæ
Ираклий Къобахидзе - Кæд искæмæ ис хъаст «Бинонты аргъдзинæдты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъоны тыххæй, уæд конкретонæй хъуамæ радзура кæцы статья æмæ нормæ нæ цæуы йæ зæрдæмæ

Кæд æмæ искæмæ ис хъастытæ «Бинонты аргъдзинæдты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъоны тыххæй, уæд конкретонæй хъуамæ зæгъа, цавæр статья æмæ нормæ  нæ цæуы йæ зæрдæмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе журналисттæн Будапешты расидтис.

Къобахидзейы расидæнмæ гæсгæ, аргументтæн сæ ном раттын хъæуы.

«Зæгъæм, райдайæм дзурын «бинонты аргъдзинæдтæ æмæ æнахъомты хъахъхъæныны» тыххæй закъоныл. Ам ныхас цæуы элементарон фарстатыл. Баналон темæ ис, хъуамæ сбæрæг кæнæм, кæронбæттæны, нæлгоймаг нæлгоймаг у æви нæ, сылгоймаг сылгоймаг у æви нæ. Ууыл мах æцæгæйдæр дзурæм, цæмæй ахæм фарстатæ фидарæй æвдыст цæуой. Бирæ Европæйаг бæстæты афтæ нæу. Алы нæлгоймагæн дæр, къорд бæстæты, йæ бон у æвиппайды сылгоймагмæ раивын, стæй та нæлгоймагмæ æрыздæхын, уый ифтонггонд цæуы къорд европæйаг бæстæты закъæттæй. Нæ закъон растдæр уый тыххæй у, йæ ныхмæ тох кæнын. Махмæ гæсгæ уый у бынтон æгаддзинад. Уымæ гæсгæ нæ хъæуы закъондæттынад, кæцы бахъахъхъæндзæн нæ бæстæ ахæм цаутæй, хъахъхъæндзæн скъолатæ ЛГБТ пропагандæйæ, ныхас кæндзæн сывæллæтты хъахъхъæнынад æмæ райдайæн фарстатыл. Кæд æмæ искæмæ ис хъаст ацы закъоны фæдыл, уæд нын хъуамæ конкретонæй зæгъа, цы сæ зæрдæмæ нæ цæуы ацы закъоны фæдыл, кæцы статья æмæ нормæ сæ зæрдæмæ нæ цæуы», – расидтис Ираклий Къобахидзе.