Ираклий Къобахидзе Реджеп Тайип Эрдогъанæн Турчы Республикæйы сырæзты 101 азы сæры фæдыл  раарфæ кодта
Ираклий Къобахидзе Реджеп Тайип Эрдогъанæн Турчы Республикæйы сырæзты 101 азы сæры фæдыл раарфæ кодта

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе, Турчы Республикæйы 101 азы сæрмæ Турчы президент Реджеп Тайип Эрдогъанæн раарфæ кодта.

Хицауады сæргълæууæг йæ арфæйы фыстæджы куыд нысан кæны афтæмæй, Гуырдзыстон æмæ Туркы æхсæн дыууæфарсон ахастытæ фæстаг азты динамиконæй рæзынц, кæцы ахъаз кæны регионы ног фадæтты сырæзтæн æмæ стратегион нысаниуæгджын проектты реализацийæн.

«Господин президент, зæрдиагæй дын арфæ кæнын Турчы республикæйы расидыны 101 азы сæр æмæ дæуæн æмæ æфсымæрон туркаг адæмæн мæ цæст уарзы сабырад æмæ дидинæфтыд. Фæнды мæ райгондæй банысан кæнон, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Туркы æхсæн дыууæфарсон ахастытæ фæстаг азты динамиконæй рæзынц, кæцы ахъаз кæны регионы ног фадæтты сырæзтæн æмæ стратегионæй нысаниуæгджын проектты реализацийæн. Бузныг дæн Туркы æнæфæцудгæ фарсылхæцындзинадæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, афтæ дæр евроатлантикон фæзуатмæ баиу кæныны тырнындзинады тыххæй. Ацы фадатæй спайда кæнын, цæмæй сбæлвырд кæнон Гуырдзыстоны хицауады цæттæдзинад Гуырдзыстон æмæ Туркы æхсæн фæзминаг стратегион партнерады фæарфдæр кæнынмæ. Мæнмæ гæсгæ, нæ бæстæты тыхархайд нысаниуæгджын у, цæмæй регионы уа сабырад æмæ стабилондзинад. Нæ дывæрсыг æмæ бирæвæрсыг инициативæтæ аразынц нысаниуæгджын бындур æнæфæцудгæ экономикон рæзтæн æмæ регионы стабилондзинадæн», – дзырдæуы Хицауады Сæрдары арфæйы фыстæджы.