Ираклий Къобахидзе фембæлд Узбекистаны премьер-министр, Абдулла Ариповимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Узбекистаны республикæйы премьер-министр Абдулла Ариповимæ фембæлд.
Фембæлды ныхас цыд дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуыстдзинады позитивон динамикæйыл, бæрзонд æмвæзады политикон диалогыл æмæ æндæр æмæ æндæр къабæзты партнерады фæарфдæр кæныны перспективæтыл. Ныхас ма баххæсыд секторалон уагдæтты ‘хсæн ахастытыл æмæ Гуырдзыстон-Узбекистаны экономикон æмкуыстдзинады æхсæнхицауадон къамисы ролыл дывæрсыг экономикон бастдзинæдты ноджы фæарфдæр кæныны хъуыддаджы. Банысангонд æрцыд, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Узбекистан сты стабилон базарадон партнертæ æмæ ахсджиаг у уæвæг потенциалæй æххæстæй спайда кæнын базарадон зилдухы рæзты æрдгæй. Премьер-министр Ираклий Къобахидзе йæ узбекаг коллегæйы Гуырдзыстонмæ официалон визитæй фæсидтис.
«Мах цымыдис кæнæм нæ бæстæты æхсæн базарадон партнердзинад ноджы фæбæрзонддæр кæнын». Гæнæн ис активизаци кæнын инвестициты фадыджы дæр. Уæ инвестицион æрдзон уавæр гæнæн ис æмæ уа тынг æлвасгæ гуырдзиаг инвестортæн, æмæ Гуырдзыстон дæтты тынг цымыдисон инвестицион æрдзон уавæр потенциалон инвестортæн. «Мах сæрмагонд нысаниуæг дæттæм астæуккаг къæлидоры размæцыдæн», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Узбекистаны премьер-министр Гуырдзыстон æмæ Узбекистаны æхсæн ахастыты размæцыды позитивон динамикæйыл фæныхас кодта. Абдулла Арипов куыд банысан кодта, афтæмæй дыууæфарсон ахастытæ бындуриуæг кæнынц кæрæдзийыл æууæндын æмæ кад кæныны принциптыл æмæ активонæй рæзынц алы здæхтыты дæр.
«Узбекистан кæддæриддæр цæттæ у æнгом æмæ æнтыстджын æмгуыстадмæ Гуырдзыстонимæ дывæрсыг æмæ бирæвæрсыг ахастыты алы форматы». Абон нæ хицауадты сæйраг хæс у, нæ ахастытæ ноджы фæарфдæр кæныны тыххæй ног фæндæттæ чи æркæсы, ахæм сразыдзинæдтæ рæстæгыл æххæст кæнын. «Цытджын Ираклий, уырны мæ, цæмæй Гуырдзыстоны премьер-министры бынатæй Узбекистанмæ уæ фыццаг официалон визит ноджы фæтыхджындæр кæндзæн нæ бæстæты æхсæн кæрæдзийæн пайдайаг ахастытæ, афтæ дæр ратдзæн ног импульс нæ æмгуыстадæн», – райхъусын кодта Абдулла Арипов.