Ираклий Къобахидзе – бæстæйы европæйаг фидæны хъысмæт æвзæрстытыл аскъуыддзаг ис, 2030-æм азмæ Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнг суæвынæн алкæмæй цæттæ уыдзæн
Махæн ис иттæг бæрæг бонвæтк, ис нын амбицион нысан, цæмæй 2030 азмæ суæм «Евроцæдис»-ы уæнг – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Венгрийы журналисттæн расидтис.
Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, æппæт кандидат бæстæтимæ абаргæйæ, Гуырдзыстон алы æрдгæй фылдæр цæттæ уыдзæн Евроцæдисмæ бацæуынмæ, фæнды демократи, адæймагы бартæ, экономикæ, кæнæ æндæр æмæ æндæр фадыг.
«Ацы æвзæрстыты, æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты æхсæн, бæстæйы европон фидæны хъысмæт æрцыд æскъуыддзаг. Зонут, цы уыдысты оппозицийы плæнттæ, æмæ кæронбæттæны, уыцы плæнттæ нæ реализаци кæнын уыд ахсджиаг, цæмæй бæстæ адарддæр кодтаид Евроцæдисы æрдæм змæлд. Махæн ис иттæг бæлвырд боны фæтк, ис нæ амбициозон нысан, цæмæй 2030 азмæ суæм Евроцæдисы уæнг. Ноджы иу хатт фидарæй сфæлхатт кæнæм, цæмæй 2030-æм азмæ Гуырдзыстон уыдзæн сеппæтæй цæттæ Евроцæдисы уæнг суæвынмæ. Æппæт кандидатон бæстæтимæ абаргæйæ, Гуырдзыстон алы æрдгæй фылдæр цæттæ уыдзæн Евроцæдисмæ бацæуынæн, фæнды демократи, адæймагы бартæ, экономикæ, фæнды æндæр æмæ æндæр фадыджы», – расидтис Ираклий Къобахидзе.