Ираклий Къобахидзе – АИШ-æн хъæуы деолигархизаци, кæцыйыл бирæ хатт ныхас кодтам æмæ æххæстæй разы стæм Трампимæ, уый афтæдæр хъуыды кæны, цæмæй АИШ-ы æнæформалон æндæвдадæй ссæрибар кæнын хъæуы
Ираклий Къобахидзе – АИШ-æн хъæуы деолигархизаци, кæцыйыл бирæ хатт ныхас кодтам æмæ æххæстæй разы стæм Трампимæ, уый афтæдæр хъуыды кæны, цæмæй АИШ-ы æнæформалон æндæвдадæй ссæрибар кæнын хъæуы

 

АИШ-æн хъæуы деолигархизаци, кæцыйыл бирæ хатт дзырдтам æмæ уый фæдыл æххæстæй разы стæм президент Трампимæ. Уый афтæдæр хъуыды кæны, цæмæй АИШ-ы æнæформалон æндæвдадæй ссæрибар кæнын хъæуы – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе абоны пресс-конференцийыл расидтис.

Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, æвзæрст президент Дональд Трамп тынг арæх дзуры афтæ хуынæг Deep State, кæцы, йæ ныхæстæм гæсгæ, нысаниуæгджынæй æндавы АИШ-ы хицауиуæгадыл.

«Æрæджы рапарахат ис Джеффри Саксы интервью, кæцы Америкæйы Иугонд Штатты ныры администрацийы аххосджын кодта Гуырдзыстоны паддзахадон фæфæлдæхты организацийы. Уый у тынг серьозон аххосаг. Махæн нæ бон у бæрæг аргълæвæрд раттæм Вахтанг Гомелаурийы æмæ мидхъуыдтæгты министрады æндæр минæвæртты санкцитæн, æмæ ацы факт объективонæй райсæн ис куыд ныры администрацийы банымад. Зонут æй, æвзæрст президент Дональд Трамп тынг арæх дзуры афтæ хуынæг Deep State, кæцы, йæ ныхæстæм гæсгæ, нысаниуæгджынæй æндавы АИШ-ы хицауиуæгадыл. Зæгъæм, Дональд Трамп йæ ныхмæ терактæй иу мæйы размæ сарæзта серьезон расидæн. Арф паддзахады тыххæй. Уый загъта, зæгъгæ, «Арф паддзахад» ныппырх кæндзæн Америкæйы Иугонд Штаттæ кæнæ Америкæйы Иугонд Штаттæ ныппырх кæндзысты, ныппырх кæндзысты «Арф паддзахад». Ацы цыппар азы дæргъы «Арф паддзахад» ныппырх кодта АИШ, æмæ уый у, америкаг структурæтæй арæх цы æнæраст уынаффæтæ хъусæм, уыдоны фæстиуæг. АИШ-æн хъæуы деолигархизаци, кæцыйы фæдыл бирæ хатт ныхас кодтам æмæ æххæстæй разы стæм президент Трампимæ, уый афтæдæр хъуыды кæны, цæмæй АИШ-ы æнæформалон æндæвдадæй ссæрибар кæнын хъæуы» -расидтис Ираклий Къобахидзе.