Ираклий Къобахидзе абон Брюсселы Роберта Меццолаимæ æмæ Йенс Столтенбергимæ фембæлдзæн
Ираклий Къобахидзе абон Брюсселы Роберта Меццолаимæ æмæ Йенс Столтенбергимæ фембæлдзæн

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобаидзе, Брюсселмæ  визиты фæлгæтты, фембæлд ауадздзæн   Европарламенты президент, Роберта Меццолаимæ æмæ НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс СТОлтенбергимæ.

Ираклий Къобахидзейы æмæ европарламенты президенты, Роберта Меццолайы  фембæлдыл ныхас уыдзæн  ног къахдзæфтыл  æмæ фадæттыл, кæцы  Гуырдзыстонæн кандидаты статусы райст æрхаста.

Афтæма абон, дыууæфарсон  фембæлдтæй  дарддæр, цæгататлантикон  советы  фæлгæтты, НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадт ацæудзæн. Рабадты фæстæ  Йенс Столтенберг æмæ Ираклий Къобахидзе иумæйаг  фидиуæнтæн сараздзысты.

Брюсселы Ираклий Къобахидзейы визит 20 февралы  райдыдта.  Гуырдзыстоны премьер-министр  нырид ауагъдта  фембæлдтæ  Евроцæдисы бæрзонддæр минæваримæ, Жозеп Борелимæ, Еврокомиссаримæ  Оливер Вархейимæ æмæ Европаг Советы президентимæ  Шарль Мишелимæ.