Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты фарстыл уынаффæ нæ цæуы
Нæ балимæ иумæ, искæцы конкретон партиты сæрмагонд фæнды, кæнæ интерестæм нæ, фæлæ æрмæстдæр бæстæйы æмæ адæмы интерестæм æмбæлгæйæ архайæм. Кæд партиты фæнды реалон диалог райдаын, уæд уый тыххæй байгом кодтам æмбæлгæ формат æмæ цæттæ стæм адарддæр кæнæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фехъусын кодта журналисттæн.
Ираклий Гъарибашвили Шарль Мишелимæ фембæлыд фæдыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй фембæлдыл ныхас уыдис фарстæтыл, кæцытæ сты касты темæ оппозицион партиты æрдгæй.
«Нæ позици дырысæй сфиксир кодтам æмæ ныр мæ фæнды æргомæ райхъусын кæнын. Фарст æххæссыд Мелиайы рссæрибар кæнынмæ. Мæ позици уыдис уый æмæ, махæн нæ дæр нæ бон у æмæ нæдæр нæ фæнды закъоны сæххæстмæ хифæкæнын. Ника Мелиайæн æмæ йæ бинонты уæнгтæн ис фадат, кæцыфæнды рæстæджы, бафидой цъынды, кæд сæ интерестæм цæуы Мелиайы ахæстонæй ракæнын, цалынмæ кæронбæттæн уынаффæ рахæсдзысты хъуыддагыл.
Дыккаг фарст уыд æвзарæнон реофрмæмæ æххæст цæттæдзинад, уый нырид райдыдта конкретон къахдзæфтæ аразын, уæрæх комплексон фарстæтæм æххæссы, цæмæй сæ ноджы хуыздæрдæр скæнæм, фæхуыздæр кæнæм нæ æвзарæнон реформæ, уый æххæссы бынæттон æвзæрстытæ, фæдылдзог парламентон æвзæрстытæм.
Æртыккаг фарст – нæ принципон позици æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæм гæсгæ у æнæивгæ, уый у сырх хахх, ахæм фарста у, кæцы бынтон нæ кастæуы. Уый æз знон фембæлдыл дæр сфиксир кодтон. Ницы легитимон бындур ис, æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты æркурынæн бæстæйы.
Æз уым æрзонгæ дæн æмæ байхъуыстон хайадисджыты рæстмæ конструктивон цæстæнгас, уый мын дæтты оптимизмы бындур, æнхъæл уон, цæмæй фæнысангонд диалог оппозицийы конструктивон хайимæ адарддæр уыдзæн æмæ фæуыдзæн æнтыстджынæй. Кæцы уый нысан кæны, цæмæй хъуамæ бафæразæм иугонд парламенты кусын, цæмæй бæстæ æрыздæха нормалон политикон цардмæ», – райхъусын кодта Гъарибашвили.