Ираклий Гъарибашвили – уырны нæ, цæмæй сабырадон, иууон, фидар Гуырдзыстон у сегасдæр хуыздæр перспективæ гуырдзиæгтæн, ирæттæн, абхазæгтæн, нæ зæххыл цæрæг адæмтæн иууылдæр
Нæ хицауад территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæныны æмæ бæстæйы баиу кæныны сабырадон фæндаджы иузæрдыг у, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæны дзырдæуы.
«15 азы сыххæст ис 2008 азы августы хæст райдаынæй; абоны бон мах алкæмæн сæрмагондæй нысаниуæгджын – уырыссаг æфсæддон агресси æрхаста стыр адæймагон амæттаг, сабырадон цæрджыты тыхбын бынативд æмæ нæ территориты рæстæгмæ оккупаци, кæцы нырма дæр сæйраг проблемæ у нæ бæстæйы суверенитет æмæ дарддæры райрæзтæн.
Абон ноджы иу хатт ссардзыстæм сæ ном хæсты фæмардуæвæг нæ хъайтар æфсæддæттæн æмæ сабырадон æмбæстæгтæн.
Нæ хицауад территорион сæндидзын кæныны æмæ бæстæйы баиу кæныны сабырадон фæндаджы иузæрдыг у; змæлын нæ кæны æнæцудгæ уырнындзинад, цæмæй сабырадон, иууон, фидар, размæцыд Гуырдзыстон хуыздæр перспективæ у гуырдзиæгтæн, ирæттæн, абхазæгтæн, нæ зæххыл цæрæг адæмтæн иууылдæр æмæ уый æппæт аразæм, цæмæй ацы нысан тагъд суа реалондзинадæй», – дзырдæуы Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæны.