Ираклий Гъарибашвили, Украинаг æмæ Молдоваг коллегæтимæ иумæ, абон Брюсселы бæрзонд æмвæзады фембæлдтæ ауадздзæн
Ассоциацигонд триойы – Гуырдзыстоны, Украинайы æмæ Молдовæйы премьер-министртæ Брюсселы сты. Кусæн визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Украинайы премьер Денис Шмигаль, æмæ Молдовæйы премьер-министр Наталия Гаврилова иуæймаг фембæлдтæ ауадздзысты Европаг Советы президент Шарль Мишелимæ, еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лайнеимæ æмæ Европарламенты президент Девид Мария Сасолиимæ.
Фембæлдты сæйраг темæ уыдзæн 15 декабрмæ плангонд «Хурыскæсæн Партнерады» саммит, кæцыйы декларацийы нысаниуæгджын у ассоциацигонд триойы бæстæтæн приоритетон фарстæтæ æмæ æнхъæлцытæ равдисын.
Гуырдзыстоны премьер-министр йæ хъусдард раздахдзæн Гуырдзыстоны хицауады амбицион планмæ, кæцы 2024 азы Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгдзинадыл официалон куырдиат саразын дары йæ хъуыдыйы.
Æртæ бæстæйы лидертæ Евроцæдисы ацæугæ бæрзонд æмвæзады фембæлдтыл, ноджы иу хатт сфиксир кæндзысты иумæйаг позици, ома нысаниуæгджын у саммит ног фадæттæ байгом кæна партнер бæстæтæн, Евроцæдисимæ дарддæры интеграцийы фæндагыл, дифференциацийы æмæ фылдæр-фылдæры тыххæй принципыл æнцойæ, афтæма фæныхас кæндзысты Евроцæдисимæ интеграцийы процесс стынг кæныны ног æрдæмадтыл.