Ираклий Гъарибашвили - тæфæрфæс кæнын Грецийы премьерæн, фыдохы рæстæджы Гуырдзыстон Грецийы фарсмæ лæууы
Гуырдзыстоны премьер-министр Ирклий Гъарибашвили Грецийы премьер-министрæн Кириакос Мицотакисæн Грецийы æрцæугæ æфсæвæндагон катастрофæйы фæстиуæгæн трагедийы тыххæй, тæфæрфæс кæны.
Хицауады сæрдар социалон хызаг «Твиттеры» фыссы цæмæй фыдохы рæстæджы Гуырдзыстон, Грецийы фарсмæ лæууы.
«Тæфæрфæс кæнын Грецийы премьер-министрæн Кириакос Мицотакисæн поездты трагикон аварийы тыххæй, кæцыйы амæттаг ссис бирæ адæмаджы цард æмæ дсгай та фæцæф сты. Тæфæрфæс кæнæм фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ хæстæджытæн. Фыдохы рæстæджы Гуырдзыстон Грецийæн йæ фарсмæ лæууы» – банысан кодта премьер-министр.