Ираклий Гъарибашвили - Сæрибардзинады идея уыдис сæйраг æнцой, кæцы иу кодта алы патриоты, æмæ кæцыйы фæрцы гæнæн ссис Гуырдзыстоны Хæдбарад
Ираклий Гъарибашвили - Сæрибардзинады идея уыдис сæйраг æнцой, кæцы иу кодта алы патриоты, æмæ кæцыйы фæрцы гæнæн ссис Гуырдзыстоны Хæдбарад

Фæнды мæ  абоны бон раарфæ кæнын нæ æмбæстæгтæн иууылдæр, сæ куыстæй æмæ сæрлуæдайдзинадæй  бæстæ чи фидардæр кæны  уыдонæн –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Гуырдзыстоны Хæдбарады  бонмæ  нывонд  бæрæгбонон мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  загъта.

Хицауады сæргълæууæг  куыд банысан кодта афтæмæй, 26 май бæстæйы националон идентондзинад,  бирææнусон  культурæ æмæ сæрибардзинадмæ тырнынады æвдисæг у.

«Абон бон Гуырдзыстоны  алы æмбæстагæн, улæлахиздзинады, сæрибардзиналы æмæ патриотизмы бон у.  26 май нæ национ идентондзинады, бирææнусон  культурæ æмæ сæрибардзинадмæ тырнынады æвдисæг у. Сæрибардзинады идея уыдис сæйраг æнцой, кæцы иу кодта алы патриоты æмæ кæцы гæнæн скодта нæ бæстæйы  Хæдбарæй скæнын» –  загъта Ираклий Гъарибашвили.

Хæдбарады бонмæ нывонд бæрæгбонон мадзалыл Гуырдзыстоны  президент, парламенты сæрдар, патриархийы минæвæрттæ, Польшæйы  президент, Украинайы хъахъхъæнынады министр, парламенты æмæ  хицауады уæнгтæ, дипломативон  корпусы минæвæрттæ æмæ  æфсæддон  уæнгтæ уыдысты.