Ираклий Гъарибашвили Рекьявикы саммиты хайадисджыты раз ралæудзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили абон Рекьявикы саммиты хайадисджыты раз ралæудзæн.
Европæйы Советы паддзахадты æмæ хицауадты сæрдæртты 4-æм саммит, кæцыйы Гуыдзыстоны хицауады сæрдар дæр исы хайад, Рекьявикы pнон байгом ис. Ираклий Гъарибашвили саммиты хайадисæг дунейы лидертимæ иумæ уыд байгомы сессийыл.
Конференцион центр «Harpa»-ы, цы ран мадзал цæуы, Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ саммиты хайадисæг паддзахадты æмæ хицауадты сæрдæрттæм, Исландийы премьер-министр, Катрин Якобсдотир æмæ Европæйы Советы генералон нымæрдар, Мария Пейчинович Бурич сфысым кодтой. Саммиты хайадисджытæм дзырдæй раздæхтысты Британийы премьер-министр Риши Сунак, Польшæйы президент Анджей дуда, Германийы канцлер Олаф Шольц, Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Ляйен æмсæ Украинайы президент Володимир Зеленски.
Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ саммитыл ралæудæй дарддæр, дыууæфарсон фембæлдтæ дæр ауадздзæн. Йæ дзырдæй, зæгъгæ ныхас уыдзæн уыцы быцæусидтытыл, кæцыты раз лæууы æппæт Европæ.
«Нæ сæйраг æрвитæггаг у ахæм, ома Гуырдзыстон, нæ бæстæ нæ гуырдзиаг адæм, аккаг сты кандидаты статус райсын. Уый у нæ æвзæрст, кæцы у æнæивгæ, кæцы у нæ адæм æмæ нæ бæстæйы æвзæрст. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ме рвитæггаг ноджы иу хатт уыдзæн азæм, ома æнæмæнгхъæугæ у нæ бæстæ райса статус, уымæн æмæ уый уыдзæн æрвитæггаг Европæйы æрдгæй, нæ цæрджытæм, нæ адæммæ, нæ бæстæмæ,, æмæ мах , зæгъæм афтæ, æндæр уынаффæмæ не нхъæлмæ кæсæм, фæлæ цæй зæгъын æй хъæуы хъуамæ бакусæм тынг бирæ, бауырнын кæнæм нæ европаг хæлæртты, цæмæй æндæр альтернативæ нæй. Кæд реалонæй нæ европаг партнерты фæнды, цæмæй бæстæйы фæуа поляризаци, уа сабырдзинад æмæ бæстæ адарддæр кæна Европæмæ размæцыд, уæд цæй зæгъын æй хъæуы æнхъæл дæн афæдзы кæрон нын уыдзæн кандидаты статус. Уый у мæ дзуапп» – райхъусын кодта премьер.
Премьер-министр Рекьявикы делегациимæ иумæ ис.