Ираклий Гъарибашвили – раззаг хицауады рæстæджы æлхæд зынаргъ  хæрдмæтæхæгы фæстæмæ заводмæ ратдзыстæм, уый бæсты та æртæ ног хæрдмæтæхæг балхæндзыстæм
Ираклий Гъарибашвили – раззаг хицауады рæстæджы æлхæд зынаргъ хæрдмæтæхæгы фæстæмæ заводмæ ратдзыстæм, уый бæсты та æртæ ног хæрдмæтæхæг балхæндзыстæм

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй,   мидхъуыддæгты министрад  активонæй кусы  æртæ  ног хæрдмæтæхæг  балхæды фæдыл.

Гъарибашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   ист уыд скуыддзаг, цæмæй ауæй кæной  раззаг хицауады рæсæджы æлхæд  зынаргъ хæрдмæтæхæг  æмæ уый  бæсты  балхæной  æртæ  ног хæрдмæтæхæг.

«Паддзахадмæ ис иу  зынаргъ,  зæгъæм  хæпполдзинадæн æлхæд хæрдмæтæхæг, кæцыйы балхæдтой раззаг хицауады рæстæджы, раздæры президентæн  æмæ цалдæр дæсой милуан  доллар, ацы  хæрдмæтæхæг балхæнынæн.  Не скуыддзаг уыдис уый цæмæй  ацы  хæрдмæтæхæгæй  ничи пайда кодта.  Мæнг у цæвиттон  уымæй  пайда кодтой ирвæзынгæнæн операциты,  аскуыддзаг кодтам   хæрдмæтæхæг фæстæмæ раттæм   заводмæ, кæнæ та йæ ауæй кæнæм  æмæ уый бæсты æртæ ног  хæрдмæтæхæг балхæнæм.  Ахæмтæ, кæцытæ нын рабæздзысты  ирвæзынгæнæн операциты æмæ æндæр  операциты рæстæджы дæр.  Нырид  цæуынц  активон бадзырдтæ» –   райхъусын кодта Ираклий Гхъарибашвили.