Ираклий Гъарибашвили – проект «Æфсады горæт» фæцис, абон бæрæгбойнонæй адæтдзыстæм нæ сахъ æфсæддæттæн
Проект «Æфсады горæт» фæцис æмæ абон бæрæгбойнонæй адæтдзыстæм нæ зынаргъ æфсæддæттæн хæдзæрттæ, падздахады хæс у цæмæй сæ сæруæлдайдзинадæн максималонæй аргъ скæна – уый фæдыл Гуырдзыстоны пермьер-министр Ираклий Гъарибашвили, æфсæддон гæстæн «æфсады горæты» хæдзæртты алæвæрды церемонийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Ираклий Гъарибашвилийы дзырдæй, проект «Æфсады горæт» нæу иухаттон проект. Премьер-министры фидиуæнæй, проект даргъгæнгæ равгы уыдзæн.
«Æхсызгон мын у абон ацы проект кæй фæцис, фæлæ мæ фæнды райхъусын кæнын, цæмæй уый нæ у иухаттон проект. Уый адарддæр уыдзæн æмæ цæй зæгъын æй хъæуы аналогион проект сæарздзыстæм тынг тагъд.
Нæ паддзахад хæсджын у, уæ куыстæн, ацы сæруæлдайдзинадæн ссаргъ кæнæм максималонæй,, æфсæддæтты куыст у аргъ цæмæн нæй ахæм æмæ мах алчи фыццаджы дæр, хицауад хæсджын стæм, максимум саразæм сымахæн, цæмæй уæ куыстæн, уæ сæруæлдайдзинадæн æмæ æхсардзинадæн ссаргъ кæнæм нæ бæстæйы раз» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.