Ираклий Гъарибашвили – прессæйы сæрибардзинады боны фæдыл арфæ кæнын   алы  журналистæн
Ираклий Гъарибашвили – прессæйы сæрибардзинады боны фæдыл арфæ кæнын алы журналистæн

Сæрибар прессæ у  куыд бæстæйы  демокративондзинады  гъæды афтæ йæ  демокративондзинадмæ тырнынады  миниуæг –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Иралкий Гъарибашвилийы фидиуæны  дзырдæуы.

Ираклий Гъарибашвили  медиайы  минæвæрттæн прессæйы  сæрибардзинады  æхсæнадæмон боны фæдыл рафæ кæны.

«Æнæфæсайгæ æмæ балансгонд информацийы ахæлиу кæнын  журналисты уыцы бæрн у, кæцы  сæрмагонд адæмы  æмæ бæстæйы раз йын ис æмæ   кæцыйы æнæчиугæ сыххæстæн  æхсæнады æрдгæй стыр  аргъгонд цæуы.

Растдæр  ацы принципты æмæ  аргъдзинæдтыл  бындурæвæрд   куыст  у нымад  дунейы   бæрзондпрофессионалон  æмæ сæрибар  жирналистикæйæ, уымæн æмæ   ацы стандарты хъахъхъæнын   бæстæйы  демократон  райрæзты  бфидар бындур  æвзæрын кæны.

Уæгъдибар прессæ у  куыд   бæстæйы демократондзинады  гъæды, афтæ йæ   демокртивондзинадмæ  тырнынады  миниуæг. Нæ бæстæйы уæвæг медиаæрдз  азты дæргъы   цыдис ивд, фæлæ  нын абон  ис  сæрибар,  хæдбар æмæ   плюралистон   медиатыгъдад.

Ноджы иу хатт  арфæ кæнын  прессæйы  сæрибардзинады æхсæнадæмон   боны фæдыл  алы  журналистæн  æмæ сын сæ профессион куыст æнтыстджын куыд уа уыцы арфæтæ  зæгъы  мæ  зæрдæ» – дзырдæуы   Ираклий Гъарибашвилийы  ф идиуæны.