Фæсарæйнаг партнертимæ æмгуыстгæнгæйæ, растæй плангонд реформæтæй, фæдфæдон къахдзæфтæй, нæ хъæддыхдзинадæй æмæ уæ бæрзонд профессионализмæй баххæссыд мидхъуыддæгты министрад, цæмæй гуырдзиаг пъæлицæй æхсæнадæмон пъæлицæйон куысты дæр активон хайад исы – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, ираклий Гъарибашвили пъæлицæйы бонмæ нывонд мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, зæгъгæ гуырдзиаг пъæлицæй нал у политизиргонд, пъæлицæй æмхуызонæй хъахъхъæны нæ бæстæйы алы æмбæстагы.
«Бафæрæзтам пъæлицæйы трансформаци скæнын. Гуырдзиаг пъæлицæй нал у политизиргонд. Пъæлицæй æмхуызонæй хъахъхъæны нæ бæстæйы алы æмбæстагы»- райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.
«Пъæлицæй хъуамæ уа æнæгайгæ. Цæй зæгъын æй хъæуы, хицæн рæдыдтылы нæ дзурын, кæцытыл министрадæн æмбæлгæ реакци вæйы, фæлæ нæрайсгæ у æмæ категорионæй фауын цыфæнды архайд, бафхæрой æмæ цъыф бакалой уæ куыстыл, уæ профессиыл. Уый тыххæй нлджы иу хатт мæ фæнды зæгъын, цæмй алкæцы ахæм архайд лæвæрд уыдзæн дзуаппмæ æмæ дзы иунæг компромисс дæр не руадздзыстæм»- райхъусын кодта хицауады сæргълæууæг.