Ираклий Гъарибашвили – ноджы иу хатт мæ фæнды ныфс равдисын, ома Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн  кандидаты статус
Ираклий Гъарибашвили – ноджы иу хатт мæ фæнды ныфс равдисын, ома Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн кандидаты статус

Уыдис нын тынг  фæстиуæгджын фембæлд   премьер-министр, Виктор Орбанимæ, афæлгæстам  бæстæты æхсæн   уæвæг  ахастытæ, кæцы æххæссы  базардмæ, эконмоикæмæ, æдасдзинадмæ, хъахъхъæнынады  фарстатæм, ахуырадмæ, культурæмæ, алы æрдгæй нын ис  конкретон, разатинаг   размæцыд  æмæ фæстиуджытæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили   райхъусын кодта.

Гъарибашвили венгриаг коллегæ Виктор Орбанимæ иумæйаг брифнгыл  райхъусын кодта, цæмæй «Картули Оцнебайы»  хицаудзинады периоды Гуырдзыстонæн евроинтеграцийы фæндагыл егъау размæцыд уыд.

Гуырдзыстоны  хицауады  сæрдары фидиуæнæй,  зæгъгæ Гуырдзыстон  кандидаты статусы аккаг у.

«Фарон райстам Европаг перспективæ. Хъыгагæн, банысан кæныинаг у, цæмæй   фарон тынг æнæраст ракодтой  – махæн, нæ бæстæйæн  æмæ уый  куыд æмбæлдис  афтæ  схуыдта  цытджын Виктор Будапешты, ацы  уынаффæйы  аморалон æмæ æнæрастæй  куы схуыдта  уæд. Цæй  зæгхын æй хъæуы, мах фæстаг  иу  афæдзы  дæргъы  максимум  сарызтам, цæмæй сыххæст кодтаиккам  12 рекомендаци иууылдæр, кæцы  нæм лæвæрд уыд   Еврокомиссийæ.  Процесс ныр дæр даргъ кæы. Уый у  иудадзыг процесс.  Кæй зæгъын æй хъæуы, мах афæдзы  кæрон  æнхъæлмæ кæсæм   Еврокомиссийы  уынаффæмæ, кæцыйæн мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдзæн фидар бындуртæ»- банысан кодта премьер.

Ираклий Гъарибашвилийы дзырдæй,  Гуырдзыстонмæ лæвæрд хъуамæ уа  кандидаты  статус, уымæн æмæ уый Гуырдзыстоны  æмбæстæгты æвзæрст.

«Гуырдзыстоны хицауад фæстаг 10  азы мидæг максимум сарызта. Науæд та, хуымæтæгæй  зынæмбарæн уыдзæн, цыфæнды аргументациæ æм рационализмæй цух  Европæйы  уынаффæ.  Гуырдзиæгтæ  сегасдæр тыхджын  –   æмæ амæйразмæ дæр банысан кодтон –  нæ  уарзæм  æмæ нæ фидауæм  æнæрастдзинадимæ æмæ æфхæрдимæ.   Ноджы иу хатт  мæ фæнды ныфс равдисын, цæмæй  Евроцæдисы уæнгты  фылдæр рахæсдзæн   уынаффæ æмæ нæ  бæстæмæ лæвæрд уыдзæн  кандидаты статус» – райхъусын кодта Гъарибашвили.