Ираклий Гъарибашвили, НАТО-Гуырдзыстоны бындурон пакеты сæйраг къорды лидеры схорзæхджын кодта
Ираклий Гъарибашвили, НАТО-Гуырдзыстоны бындурон пакеты сæйраг къорды лидеры схорзæхджын кодта

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министр,  Ираклий Гъарибашвили, НАТО-Гуырдзыстоны бындурон пакеты  (SNGP) сæйраг къорды лидеримæ, хæрзбойнон  фембæлд ауагъдта.

Министр фыццаг рангы   денджызон  капитанæн,  Штефан  Аннихофферæн, НАТО-Гуырдзыстоны  æхсæн  хъахъхъæнынады   сферæйы  æмгуыстад фæарфдæр кæныны  процессмæ  хайбавæрды   æмæ альянсмæ  интеграцийы фæндагыл  нæ  бæстæйæн, хъæддых æххуысы   тыххæй раарфæ кодта æмæ  йæ схорзæхджын кодта уагдонадон  майданæй  «Какуца Чолохъашвили».

Ираклий Гъарибашвили, НАТО-Гуырдзыстоны  бындурон пакеты нысаниуæгыл,  йæ  сæххæсты  процессы  æхсæнадæмон   экспертты æххуысыл æмæ сæрмагондæй   Германийы,   куыд  лидер бæстæйы  нысаниуæгджын   контрибуцийыл фаныхас кодта.

Фыццаг рангы денджызон капитан Штефан  Аннихоффер, SNGP-ы сæйраг къордæн къухдариуæг кодта  2017 азæй.

Информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрады прес-куыст.