Ираклий Гъарибашвили – нæ дзуттаг æфсымæртæн Гуырдзыстон æмæ уыдонæн, чидæриддæр историон фыдыбæстæ – Израилмæ æрыздæхтысты, дзуттаг адæмæн æппæт дунейы, зæрдиагæй уын арфæ кæнын ног аз - Рош Хашана
Нæ дзуттаг æфсымæртæн Гуырдзыстоны æмæ уыдонæн, чидæриддæр историон фыдыбæстæйы – Израилмæ æрыздæхтысты, дзуттаг адæмæн æппæт дунейы, зæрдиагæй уын арфæ кæнын ног аз – Рош Хашана, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фейсбукфарсыл фыссы.
Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта афтæмæй, гуырдзиæгты æмæ дзуттæгты бирææнысон хæлардзинад, у уникалон историон фæзынд, кæцыйæ дыууæдæр адæм сæрыстыр сты.
«Гуырдзиæгты æмæ дзуттæгты бирææнусон хæлардзинад, у уникалон историон фæзынд, кæцыйæ дыууæдæр адæм тынг хъал стæм. Арфæ уын кæны бæрæгбон, æмæ сабырдзинад, æнæниздзинад æмæ амондджындзинады арфæтæ уын зæгъы мæ зæрдæ сымах æмæ уæ бинонтæн», – банысан кодта премьер.