Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ай зын саразинаг у. Бирæ аргъуанархайæгы, фидиуæнтæм байхъуыстон æмæ разы дæн, цæмæй кæд адæймаг нæ фæсмон кæны æмæ нæ сæтты йæ фыдракæндыл, кæд алцæмæн йæ ном нæ раттæм æмæ дын адæймаг куы нæ зæгъы, цæмæй о, афтæ у, уæд нæй гæнæн æмæ тынг вазыгджын мæм кæсы уый æппæт, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили национ фидыды фæдыл инициативæйыл ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг бахахх кодта, цæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, разы у бæстæйы ма уа поляризаци.
«Поляризацийы æмвæзад тынг бæрзонд у æмæ нæ уый ницæмæн хъæуы, нæ интерестæм нембæлы, фæлæ кæмæй цæуы – кæд ацы фарст æвæрæм, уæд дзуапп тынг æнцон у – уый равзæрдис махæй нæ фæлæ ацы деструктивон тыхæй.
Афтæмæй, алкæмæн уыдзæн æмбæлгæ дзуапп. Алкæмæн ратдзыстæм дзуапп æмæ ссардзыстæм бынат. Кæд искæй бафæнддзæн басæттын, политикæ фæивын, радикализмыл нæзагъд ракæнын, уæд нын æхсызгон уыдзæн, фæлæ æцæгæй куы зæгъон, уæд мæ нæ уырны ацы процесс, уымæнæмæ кæсын ацы адæймæгты архæйдтæм æмæ хъуыды кæнын, цæмæй тынг зын саразинаг уыдзæн, фæлæ мын æхсызгон уыдаит. Æнтыстытæ зæгъы мæ зæрдæ ацы идеяйы автор æмæ инциаторæн», – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.