Ираклий Гъарибашвили – Климаты ивд нæ фæлтæры сæйраг быцæусидтæй фестад
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили ИНО-ы климаты ивды фæдыл 27-æм конференцийы хайадисджыты раз дзырдæй ралæууыд.
Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй, климаты ивд ссис быцæусидтæй æмæ паддзахадты лидертæ барнон сты адæймагады æмæ фидæны фæлтæртæн амал ссарыны.
«Ныхæсты рæстæг нал зайы, уымæн æмæ ныр хъæуы цырдæй æмæ фæстиуæгыл ориентацигонд архæйдтытæ. Ахæм фæндæй, Гуырдзыстоны кæсы Паризы бадзырдæй химæ райсгæ хæстæ намысджынæй сæххæсты фарста æмæ йæм национ æмвæзадыл фыст хайбавæрд райрæзын кæныны амбици ис 2025 азмæ. Бакуыстам æппæтылæххæссæг стратеги климаты ивды сферæйы æмæ æмбæлгæ план дæр фыст у 2030 азмæ климаты ивды амбицион бонвæтк дарддæр баахъаз кæнын æмæ фæстиуджытæ сфæлмæндæр кæнынæн. Уыимæ ма, Гуырдзыстон йæ дæргъвæтин æмæ ныллæг эмиссийы стратегийæ, нысанæн æвæры æвзалытуаг газмæ нетйралон бæстæйы статусмæ баххæссын 2050 азмæ, иугонд национ тыхархайды æмæ æхсæнадæмон тыхархайды фæрцы», – банысан кодта Гъарибашивли.
Уый ма бафтыдта, ома Гуырдзыстонæн иуæй-иу сеппæтæй сыгъдæгдæр энергосистемæ ис æмæ йæ 85 процент, ноггæнгæ равзæрæнтæй у. Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ ацы хайбавæрды дарддæры рæзт у Гуырдзыстоны стратегион приоритет.