Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй   тобæты фылдæр хай  цæугæ  къуырийæ аивдзысты
Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй тобæты фылдæр хай цæугæ къуырийæ аивдзысты

Гуырдзыстоны премьер-министртæм кандидат  Ираклий Гъарибашвилийы  фидиуæнæй,   цæугæ  къуырийы  координацион  советы рабадтыл   арæнæвæрдты фæрогдæр кæнынмæ гæсгæ  уынаффæтæ  райхъусын кæндзысты.

«Нырид фæныхас кодтон  балимæ,  ацы  къуырийы  нын уыдзæн   координацион советы фыццаг рабадт, кæцыйыл райхъусын кæндзыстæм  конкретон   фæрогдæркæныны   мадзæлтты тыххæй.   Æмæ  ацы тæккæ дæр мæ бон у  сбæлвырд кæнын, цæмæй  80 процент  аскуыддзаг уыдзæн.  Тобæтæ  фæрогдæр кæнын  ацы куъырийæ  скусдзысты  æнгом координацийæ  æмæ эпидемиологты  æнæнизхъахъхъæды министры  рекомендацитæм гæсгæйæ», –  банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.