Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй Анаклиайы порты арæзтад, ацы аз райдайдзæн
Абон райдайдзыстæм официалон архайын, кæцы баст у Анаклиайы порты арæзтадимæ, порты арæзтад райдайдзæн ацы аз, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили хицауад абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ порты 51% уыдзæн паддзахады сæрмагонд, 49%-ыл та райхъусын кæндзыстæм æхсæнадæмон тендер, фæлæ инвесторы æрбацыдмæ хицауад нæ банхъæлмæ кæсдзæн æмæ куыстытæ ацы аз райдайдзыстæм.
Ираклий Гъарибашвили куыд банысан кодта афтæмæй, активонæй адарддæр уыдзæн фæндæгты, магистралты арæзтады æмæ аэропорты ауæрæхы æмæ æндæр концепцитыл кусын.
«Абон райдайдзыстæм официалонæй архайын, кæцы баст у Анаклиайы порты арæзтадимæ. Экономикæйы министрад цæттæ кæны æмбæлгæ процедурæтæ. Бакой уын кæндзынæн, цæмæй нæ уынаффæ у ахæм: ацы порты 51% уыдзæн паддзахады сæрмагонд, 49%-ыл та райхъусын кæндзыстæм æхсæнадæмон тендер æмæ æрбахондзыстæм потенцион инвесторты, фæлæ нæ банхъæлмæ кæсдзыстæм се рбацыдмæ, ацы аз райдайдзыстæм куыстытæ. Нæ рард хъуамæ уа уый, цæмæй тæккæ ацы аз райдайæм Анаклиайы порты арæзтад. Афтæма, активонæй адарддæр уыдзæн фæндæгты, магистралты арæзтад, активонæй кусæм аэропортты ауæрæхы æмæ æндæр концепцитыл. Афтæмæй позитивон ногдзинæдтæ нын ис алы æрдæмадæй», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.