Ираклий Гъарибашвили  хъусын кæны, цæмæй Анаклиайы порты арæзтад, ацы аз райдайдзæн
Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй Анаклиайы порты арæзтад, ацы аз райдайдзæн

Абон райдайдзыстæм  официалон  архайын, кæцы   баст у Анаклиайы  порты  арæзтадимæ,  порты   арæзтад  райдайдзæн ацы аз, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр,  Ираклий Гъарибашвили   хицауад  абоны  рабадтыл   райхъусын кодта.

Премьер-министры  дзырдæй,   зæгъгæ порты  51% уыдзæн паддзахады  сæрмагонд, 49%-ыл та райхъусын кæндзыстæм  æхсæнадæмон тендер, фæлæ инвесторы  æрбацыдмæ   хицауад нæ банхъæлмæ кæсдзæн  æмæ куыстытæ  ацы  аз райдайдзыстæм.

Ираклий Гъарибашвили  куыд банысан кодта афтæмæй,   активонæй   адарддæр уыдзæн  фæндæгты, магистралты арæзтады æмæ  аэропорты  ауæрæхы  æмæ æндæр концепцитыл  кусын.

«Абон райдайдзыстæм   официалонæй архайын, кæцы  баст у  Анаклиайы   порты арæзтадимæ. Экономикæйы   министрад  цæттæ кæны  æмбæлгæ  процедурæтæ. Бакой уын кæндзынæн,  цæмæй  нæ  уынаффæ у  ахæм:  ацы порты  51% уыдзæн паддзахады  сæрмагонд, 49%-ыл та райхъусын кæндзыстæм æхсæнадæмон тендер æмæ æрбахондзыстæм  потенцион   инвесторты, фæлæ   нæ банхъæлмæ кæсдзыстæм се рбацыдмæ,   ацы  аз райдайдзыстæм куыстытæ. Нæ  рард хъуамæ уа  уый, цæмæй тæккæ ацы аз    райдайæм Анаклиайы порты  арæзтад.  Афтæма, активонæй  адарддæр уыдзæн фæндæгты, магистралты арæзтад,  активонæй  кусæм аэропортты ауæрæхы æмæ  æндæр  концепцитыл. Афтæмæй   позитивон   ногдзинæдтæ нын ис  алы æрдæмадæй», –  райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.