Ираклий Гъарибашвили хъусын кæны, цæмæй 300-ы онг лигъдон бинонтæн цæрæн фæзуаттæ символон аргъæй ратдзысты
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ хицауад дарддæр кæны лигъдæттæн æххуыс.
Премьер хицауады абоны рабадтыл куыд загъта, афтæмæй, зæгъгæ 300 лигъдон бинонтæн цæрæн фæзуаттæ символон аргъæй ратдзысты.
«300-ы онг лигъдон бинонтæн, символон аргъæй – иу ларийæ ратдзыстæм æмæ сын закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кæндзыстæм цæрæн фæзуаттæ», – загъта Ираклий Гъарибашвили.