Ираклий Гъарибашвили хицауадон делегациимæ иумæ Брюссельмæ араст ис
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы æхсæзæм рабадты райсдзæн хайад. Хицауадон делегаци хицауады сæргълæууæгы разамындæй Брюссельмæ абон араст ис.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, визиты фæлгæтты ацæудзæн бæрзонд æмвæзы фембæлдтæ куыд еврокомиссийы, Европаг Советы æмæ Европарламенты, афтæ НАТО-йы дæр.
Фыццаг фембæлд Ираклоий Гъарибашвилийæн уыдзæн абон Бельгийы паддзахады премьер-министримæ.
16 марты Гуырдзыстон-Евроцæдисы советы рабадты фæстæ, ацæудзæн премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы, æддæ ахастыты æмæ æдадсзинады политикæйы фарстæты Евроцæдлисы бæрзонддæр минæвары, Жохеп Брелы æмæ Европаг сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы фарстæты еврокомисар Оливер Вархейы иумæйаг пресс-конференци.
17 марты бæрзонд æмвæзы фембæлдтæ ацæудзæн европарламент æмæ НАТО-йы. Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæгæн НАТО-йы штабы сфысым кæндзæн альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг. Фембæлды фæстæ Ираклий Гъарибашвили æмæ Йенс Столтенбергы иумæйаг пресс-конференци ацæудзæн. Афтæма плангонд у НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадт.
Гуырдзыстоны делегацийы сты, кæцыйæн разамынд кæны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава æмæ ютицийы министр Гоча Лорткипанидзе.