Ираклий Гъарибашвили хъахъхъæнынады министр æмæ йæ хæдивджытимæ кусæн уынаффæйы æмбырд ауагъдта
Гуырдызстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзеимæ, йæ хæдивджытимæ æмæ хъахъхъæнынады тыхты æндæр къухдариуæггæнæг уæнгтимæ кусæн уынаффæйы æмбырд ауагъдта.
Фембæлдыл кастæуыд хъахъхъæнынады уагдон 2023 азы цы плантæ хъуамæ сыххæст кæна æмæ уыцы сæйраг æрдæмадтæ, кæцытæн сæ нымсан у хъахъхъæнынады тыхты стынг кæнын æмæ æфсæддон службæгæнджыты социалон уавæртæ фхуыздæр кæнын. Дзырд уыдис «Гуырдзыстоны рæзынады стратеги – цæстæнгас 2030»-ы сыххæсты динамикæйыл.
Хъусдард здæхт уыдис 2023 азы хъахъхъæнынады уагдоны райрæзгæ бюджетмæ. Банысан ис, цæмæй цæугæ азы Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады уагдоны бюджет 260 милуан ларийæ райрæзтис. Иу миллиард 260 млн лари пропорционæй райуардзысты алы æрдлæмадыл æмæ Гуырдзыстоны иргъæфхъомады фадæттæ стынг кæнынæн бахардз уыдзæн. 2023 азы фыццаг январæй алы æфсæддон 20%-æй фылдæр мызд исы.
Хъахъхъæнынад министр хицауады сæрдарæн бавдыста информаци алы уыцы сæйраг программæйæ æмæ проекты фæдыл, кæцытæ цæугæ азы дæргъы сыххæст уыдзысты:
Адарддæр уыдзæн НАТО-имæ æмæ æхсæнадæмон партнертимæ æмгуыстад бæстæйы иргъæфхъомад стынг кæныны æрдгæй, афтæма адарддæр уыдзæн æфсæддон авиацийы тынг кæнын æмæ уæвæг тæхæн аппаратты реабилитаци-модернизацийы куыстытæ;
Нысаниуæгджын къахдзæфтæ уыдзæн арызт гуырдзиаг æфсæддон амалиуæгад стынг кæнынмæ, сæрмагондæй та «Дельтайы» æндæр æмæ æндæр модификацийы транспортон фæрæзтæй Гуырдзиаг æфсады сифтонг кæнын;
Адарддæр уыдзæн нырыккон стандарттæй æфсæддон инфраструктурæ модернизаци æмæ ранæуæг.
Рабадтыл банысан ис, цæмæй цæугæ азы Махатайы хохыл масштабон хæдзараразыны проекты «Æфсады горæт – Army City»-ы фæлгæтты 1000-æй фылдæр æфсæддонмæ уыдзæн лæвæрд хæдзар, кæцыйы балхæнын уыдонæн, бинонты уæнгты нымæцмæ гæсгæ принципæй, прецедент цæмæн нæй ахæм ныллæг аргъæй уыдзæн сæ бон.
2023 азы парламенты цур активон æмгуыстадæй план кæны хъахъхъæнынады ног кодексы райсын, кæцы фундаментонæй фæхуыздæр кæндзæн æнæмæнг æффсæддон службæ, сæвзæрын кæндзæн фадæттæ фидар резервæн æмæ фæхуыздæр кæндзæн æфсæддæтты социалон уавæртæ.
Кусæн æмбырдыл, афтæдæр æркастысты ног проекттæ æмæ инициативæтæ. Ираклий Гъарибашвили хъахъхъæнынады министр æмæ йæ хæдивджытæн ног хæслæвæрдтæ дæр базонын кодта.