Ираклий Гъарибашвили – Иугонд Паддзахад, Гуырдзыстоны хæдбардзинад ногæй рацаразаыны бонæй, нын  нæфæсайгæ  æмæ иузæрдыг  æмцæдисон у
Ираклий Гъарибашвили – Иугонд Паддзахад, Гуырдзыстоны хæдбардзинад ногæй рацаразаыны бонæй, нын нæфæсайгæ æмæ иузæрдыг æмцæдисон у

Иугонд Паддзахад Гуырдзыстоны  хæдбарадзинад ногæй  рацаразыны  бонæй  нын нæфæсайгæ  æмæ  иузæрдыг   æмцæдисон у, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Ираклий  Гъарибашвили Стыр Британийы  æмæ Цæгат  Ирландийы  Иугонд Паддзахады Паддзах Чарльз III-ы  официалон гуырæнбонмæ нывонд   райстыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Хицауады сæрдары  дзырдæй,  зæгъгæ Иугонд Паддзахады æмæ Гуырдзыстоны иу кæны рагон     стратегион партнерад.

Премьер-министры дзырдæй,  Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Паддзахады афтæдæр иу кæны   хъахъхъæнынады æмæ  æдасдзинады  сферæйы сæрмагонд æмгуыстад.

«Иугонд Паддзахад кæддæриддæр нын дæтта  диссаджы дæнц уыйы, цæмæй  куыд ис гæнæн  æнусон традицитæ  ноджы  стыхджындæр кæной  паддзахадон   институттæ индивидуалон  сæрибардзинад нывондкæнынæй цух. Уе стыр  культурæ æмæ традицитæ, афтæ куыд   сæрибардзинады æмæ  демократийы фарстаты фæдыл уæ  фидар  позици,  бындурæй  фестадысты нæ  дæргъвæтин  хæлардзинадæн», –   райхъусын кодта уый.

Бæрæгбонон райстыл, кæцы  Иугонд Падзахады  минæварады ацыд, уыдысты Гуырдзыстоны æххæстгæнæг  æмæ  закъондæттæг  хицауады, афтæма  дипломатон  корпусы минæвæрттæ.

Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны  хицауады администраци.