Ираклий Гъарибашвили ИНО-йы генералон ассамблейы 76-æм сессийы президентимæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Ино-йы генералон ассамблейы 76-æм сессийы президент Абдулла Шахидимæ фембæлдис. Премьеры пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл æркастысты ИНО-йы генералон ассамблейы фæлгæтты Гуырдзыстоны æмæ организацийы æмгуыстады актуалон фарстатæ.
«Хъусдард здæхт уыдис оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты сырæзт уавæрмæ, æмæ Ино-йы нысаниуæгджын ролмæ конфликты сабырадон аскуыддзагы процессы. Премьер-министр генералон ассамблейы президентæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарсхæцыны тыххæй раарфæ кодта.
Фембæлдыл хъусдард здæхт уыд сабырдзинад æмæ æдасдзинады, адæймаджы барты хъахъхъæды, æнæцудгæ райрæзты æмæ гендерон æмсæрады фарстатæм» – дзырдæуы хицауады пресс-куысты фидиуæны.