Ираклий Гъарибашвили – Гуырдзыстон бæрзонд аргъ кæны Китайы иттæг нысаниуæгджын ролæн глобалон экономикæйы æмæ йæ  ахсджиаг  хайбавæрдæн дунейы  бæстæты райрæзты æмæ  прогрессы
Ираклий Гъарибашвили – Гуырдзыстон бæрзонд аргъ кæны Китайы иттæг нысаниуæгджын ролæн глобалон экономикæйы æмæ йæ ахсджиаг хайбавæрдæн дунейы бæстæты райрæзты æмæ прогрессы

Гуырдзыстон бæрзонд аргъ кæны   Китайы   иттæг нысаниуæгджын   ролæн глобалон   экономикæйы æмæ  йæ   нысаниуæгджын    хайбавæрдæн   дунейы бæстæты   райрæзты æмæ  прогрессы, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны   премьер-министр Ираклий Гъарибашвили   Китай-Гуырдзыстоны бизнес-форумыл  дзырдæй  ралæуды рæстæджы   райхъусын кодта.   Йæ  дзырдæй,   зæгъгæ Гуырдзыстоны æмæ Китайы  дыууæфарсон  ахастыты  æнтыстджын историйæ фестæдзæн   цæдисты фæарфдæрæй  æмæ иумæйаг нысæнтты реализацийæ.

«Бæлвырд хуъсын кæнын, цæмæй мæ  бæстæ уын æнхъары  хæлар аууæлттæ  æмæ алы  хъæугæ æххуыс ахæм   нысæнтты  сыххæст кæнынæн.  Гуырдзыстн у   æнæфевгъуийгæ  цæдис    денджызмæ рацæуæн  кæмæн нæй  ахæм аст бæстæйæн, кæцыт йæ къух аразы æнæаскуынгæ  базарадæн  дыууæ континенты æхсæн нæ  хицауады   фарсхæцынæй, сæрибар базарадон бадзырдтæй,  адæймагон капиталæй æмæ   регионон  иукæнынадæй.

Куыд Европæ æмæ Азийы  æхсæн базарады æмæ  энергетикæйы  скуыддзаггæнæг    бацæуæн æмæ рацæуæн бынат, æхсæнадæмон компанитæн æнхъарæм  иттæг конкурентон уавæр, цæмæй сæ  куыст  ауæрæхдæр кæной  ацы  уæрæх  регионы.   Уый æддæмæ ма,   Гуырдзыстон  иунæг бæстæ у регионы, кæцыйæн ис  уæгъдибар базарады  бадзырдтæ  ирæстæгонæй  Китайимæ æмæ  Евроцæдисимæ. Æмтгæй  райсæйæ   нын ис  уæгъдибар базарады режимы 45  бæстæимæ (сæ нымæцы 27 Евроцæдисы паддзахадимæ, Иугонд Паддзахадимæ, Туркимæ, Китайимæ, Европæйы  уæгъдибар базарады  ассоцациимæ æмæ  Хæдбар Паддзахадты  Æмгарады бæстæтимæ)  æмæ  ма нын бирæ  ис  бадзырдты  фазæйы.   Уый тыххæй  дæр Гуырдзыстоны продукциймæ ис  фадат  Дунейы  фæлхасадон   базары 1/3-мæ  бахиза  уæвæг уæгъдибар  базарады режимæй, кæцы  2.3 миллиарды йас  фæлхасадон  базар у», – рахйъусын кодта   премьер.