Ираклий Гъарибашвили – Гуырдзыстон æмæ Узбекситаны æхсæн хзæлар ахастытæ иудадзыгæй рæзынц
Ираклий Гъарибашвили – Гуырдзыстон æмæ Узбекситаны æхсæн хзæлар ахастытæ иудадзыгæй рæзынц

 

Фæнды мæ ноджы иу  хатт   сбæлвырд кæнын мæ зынаргъ коллегæ Абдула Ариповæн, цæмæй тынг    аргъ кæнын  нæ бæстæты  æхсæн æфсымæрон  æмæ  хæларон  ахастытæн, кæцытæ  иудадзыг рæзынц  æмæ  Узбекистаны   премьеры абоны визит дæр уый бæлвырдгæнæг у, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр   Ираклий Гъарибашвили   Узбекистаны  Республикæйы   премьер-министр Абдула Ариповимæ   сæрмагонд фембæлдыл райхъусын кодта.

«Нæ ахастытæ  алы  æрдгæй  рæзынц; растдæр уый фæдыл нын уыдзæн   ныхас абон ауæрæхгонд   фембæлдыл дæр æмæ абон афтæдæр къух бафысдзыстæм   иттæг нысаниуæгджын   меморандумыл – Узбекистаны Республикæйы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  дыууæфарсон  æмгуыстад  райрæзын кæныны  иумæйаг практикон   мадзæлтты архайадон планыл,  фæндагон картæйыл.  Ноджы  иу  хатт   уын  арфæ кæнын    иттæг  æхсызгон мын у  уæ фенын», –   райхъусын кодта Иракълий Гъарибашвили.

Хицауады  администрацийы  пресс-куысты  информацийæ, сæрмгонд фембæлдыл  дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг дыууæфарсон   ахастытæ æмæ  æндæр æмæ æндæр  сферæты æмгуыстады  фарстатæ  æркастысты, кæцытæ   кæрæдзийæнцытыл  æмæ æмгуыстады   принциптыл æнцойæвæрд сты.  Бахахх  ис   бæстæты  æхсæн политикон диалогы бæрзонд æмвæзад æмæ  бæрзонд рангы политикон    визитты  позитивон динамикæ.

«Сæрмагонд фембæлдыл  премьер-министртæ  фæуынаффæ кодтой  Гуырдзыстоны транзитон   потенциалыл «Астæу кæлидоры»  райтынг кæныны нысаниуæгыл æмæ  бахахх  кодтой   æхсæнадæмон форматы  фæнысангонд транспортон  маршруты популяризацийы   нысаниуæг.

Æркастысты  Гуырдзыстоны реформæтæ базонын кæныны  æрдгæй  уæвæг    æмгуыстад.  Ираклий Гхъарибашвилийы  дзырдæй, Гуырдзыстон цæттæ у, адарддæр кæна  дарддæры  æмгуыстад Узбекистаны  Республикæимæ  реформæты  сферæйы  фæлтæрддзинад баивыны æрдгæй», –   банысангонд у хицауады пресс-куысты  информацийы.