Ираклий Гъарибашвили – Гуырдзиаг æфсад сеппæтæй хуыздæры аккаг  у
Ираклий Гъарибашвили – Гуырдзиаг æфсад сеппæтæй хуыздæры аккаг у

Гуырдзиаг æфсад у нæ  бæстæйы  хæдбарады, суверенитеты æмæ  территорион æнæхъæндзинад хъахъхъæнынады  фидар  æнцой,  сæйраг гарант.  Гуырдзиаг æфсад   сеппæтæй хуыздæры  аккаг у, хæсджын стæм, максималонæй  аргъ скæнын сæ куыстæн æмæ   сæ хайбавæрдæн, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады тыхты 32-æм юбилеймæ гæсгæ,  Вазианы, 4-æм фистæгон бригадæйы  бæрæгбонон мадзалыл райхъусын кодта.

Гъарибашвилийы  дзырдæй,  зæгъгæ  æфсæддæттæн арфæгæнæг  у сæруæлдайдзинад æмæ  фыдыбæстæйæн  иузæрдыг  службæ  кæныны тыххæй.

Уыимæ  премьер банысан кодта, цæмæй абон   тынг  вазыгджын рæстæг у æппæт дунейы.

«Уæрæсейы  агресси Украинайы,  хæст, кæцы  нæ  лæууы, æнæуый дæр уæззау  прогнозиргонд, турбулентон  геополитикон  уавæрмæ, мах, хицауад  сæрмагондæй   зондджын хъуамæ уæм.  Иурæстæгонæй тынг дзæбæх æмбарæм, цæмæй   ноджы  фылдæр хъуамæ стынг кæнæм нæ  паддзахадон институттæ,  æмæ фыццаджы дæр  гуырдзиаг æфсад, куыд сегасдæр  нысаниуæгджын тых нæ бæстæйы  æдасдзинадæн æмæ  сабырдзинадæн. Дарддæр кæнæм  дæргъвæтин планмæ гæсгæйæ  нæ  иргъæфхъомады фæрæзтæ  тынг кæнын,  дарддæр кæнæм хъахъхъæнынады  тыхты  трансформацийы процесс æмæ   уырнæг дæн,  не фсад ноджы   тыхджындæр суыдзæн.  Абоны бон мæ фæнды  ноджы иу  хаттт бузныг зæгъын   нæ  æхсæнадæмон партнертæн, АИШ-æн, НАТО-йы  уæнг бæстæтæн, алкæмæн, чидæриддæр æххуыс кодта  æмæ æххуыс кæны  нæ  гуырдзиаг æфсады   стынг кæнынæн», –   райхъусын кодта  Ираклий Гъарибашвили.