Ираклий Гъарибашвили  фембæлдис Швейцарийы Конфедерацийы  националон советы президентимæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Швейцарийы Конфедерацийы националон советы президентимæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр Иракллий Гъарибашвили  Швейцарийы   Конфедерацийы  Националон Советы президент, Ирен  Келинимæ  фембæлдис.

Гуырдзыстоны премьер-министры  пресскуысты   хъусинагæй, фарсытæ фæныхас кодтой Гуырдзыстоны  æмæ Швейцарийы  Конфедерацийы  æхсæн  æнгом  æмæ  хæларон  ахастытыл, куыд дыууæфарсон, афтæ  бирæфарсон   форматты. Банысанис дыууæ бæстæйы партнерад  бирæ  æрдгæй,  уый нымæцы  политикон  экономикон, æхсæнпарламентон  æмæ адæмты æхсæн  æнгом цæдистæ.

Хицауады  сæргълæууæг  Швейцарийы фарсæн   Гуырдзыстоны суверенитет æмæ  территорион  æнæхъæндзинадæн хъæддых  фарсхæцыны  тыххæй   раарфæ кодта.  Премьер ноджы иу  хатт   сбæлвырд кодта  хицауады иузæрдыгдзинад конфликттæ  сабырæй аскуыддзагы  æппæтылæххæссæг политикæйы æрдæм.

Ныхас  уыд   фидæны  æмгуыстады пресмпективæтæм æмæ бæрзонд æмвæзады   фембæлдты  нысаниуæгмæ.   Ацы контексты  банысан ис  хицауады  сæррдары  фембæлд Швейцарийы Конфкедерацийы  президент  Игнасио  Касиимæ, кæцы Ино-йы   генералон ассамблейы   фæлгæтты  Нью-Йоркы  цæугæ  азы сентябры  ацыд.