Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Румынийы националон хъахъхъæнынады министр Василе Динкуимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Румынийы Националон хъахъхъæнынады министр Василе Динкуимæ.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл Гуырдзыстон-Румынийы æмгуыстад, НАТО æмæ Евроцæдисимæ ахастытæ æркастысты.
Сæ хъусинагæй, сæрмагонд хъусдард здæхт уыдис фидæнон цæдистæн хъахъъхæнынады сферæйы. Банысан ис амæйразмæ къухбафыст деклараци стратегион партнерад сфидар кæныны фæдыл дыуу бæстæйы æхсæн æнгом ахастытæн алы æрдгæй ног импульс ратдзæн.
Хицауады сæрдар Румынийæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, афтæма бæстæйы европаг æмæ евроатлантикон тырнынадтæн хъæддых фарсхæцыны тыххæй раарфæ кодта.
Бахахх ис Румынийы нысаниуæгджын контрибуци Евроцæдисы цæстдарæг миссийы. Афтæма, хъусдард здæхт уыдис ситорион уынаффæмæ – Гуырдзыстоны Европаг перспективæ раттыны фæдыл æмæ загъдæуыд, цæмæй бæстæйы хицауад цæттæ у, сыххæст кæна йæхимæ ист хæстæ, цæмæй цырдæй баххæсса прогрессмæ Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыд
Ныхас уыдис Гуырдзыстоны НАТО-мæ интеграцимæ æмæ бахахх ис Румынийы нысаниугджын хайбавæрд НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты сыххæсты. Фарсытæ афæлгæстой Сау Денджзы æдадсзинады фарстатæ.
Информаци хъусын кæны премьер-министры пресс-куыст.