Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны официалонæй визитæй уæвæг Лиетувæйы Республикæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Габриелиус Ландсбергисимæ фембæлдис.
Премьер-министры прес-куысты информацийæ, ф арсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг æнгом партнерон ахастытæ æмæ Лиетувæ æмæ Гуырдзыстоны биразон хæлæрадыл фæныхас кодтой.
«Ираклий Гъарибашвили Габриелиус Ландсбергисæн радзырдта оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæры фæдыл æмæ йын Гуырдзыстоны территорнион æнæхъæндзинад æмæ евроатлантикон интеграцийы процессы æнæфæцудгæ æххуысы тыххæй раарфæ кодта.
Хъусдард здæхт уыдис Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграцийы процессы æмæ ацы фæндагыл Лиетувæйæ хъæддых æххуысы æрдæм. Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, Евроцæдисмæ интеграци Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы æнæфæцудгæ æвзæрст у æмæ Гуырдзыстоны 2024 азы Евроцæдисы уæнгдзинады куырдиат бавдисынмæ цæттæ кæны. Премьер-министр банысан кодта, цæмæй хицауад аргъ кæны Лиетувæйы хъæддых æххуысæн гуырдзыстоны Европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы фæндагыл» – банысангонд у премьер-министры пресс-куысты информацийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, ныхкас уыдис дыууæ бæстæйы æхсæн æндæр æмæ æндæр къабæзты æнгом æмгуыстадыл æмæ экономикон ахастыты ноджы фылдæр фæарфдæр кæныны нысаниуæгыл, сæрмагондæй та Дунейы «Ковид-19»-æй равзæргæ кризисыл фæтых уынæн.