Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Йерусалемы Патриарх Феофил Æртыккагимæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Йерусалемы Патриарх Феофил Æртыккагимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Йерусалемы  Патриарх, Феофил Æртыккагимæ фембæлдис.

Премьер-министры  пресскуысты  информацийæ,   Ираклий Гъарибашвили  æмæ Феофил  Æртыккаг   Гуырдзыстоны æмæ Йерусалемы  аргъуанты  æхсæн уæвæг    историон  цæдисты æмæ  дунейы уæвæг    уавæрыл   фæныхас кодтой. Бахахх ис   Дунейы  сабырдзинады æмæ стабилондзинады нысаниуæг.

«Феофил  Æртыккаг  премьер-министримæ ныхасы Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы зæрдиагæй æрфарста   æмæ йын арфæтæ  дæр æрвиты.

Йерусалемы Патриархæн ма йæ  цæст бауарзта  Гуырдзыстоны  хицауады  сæрдары æмæ делегацийы уæнгтæн  арфæтæ ракæнын», –   дзырдæуы  премьер-министры  пресскуысты информацийы.

Ираклий Гъарибашвили делегацийы  уæнгтимæ иумæ, Йерусалемы  Царддæттæгы  Куадзæны  аргъуаны  уыдис.